Фондз адæймаджы фæмард сты Дзуарыхъæуæй Архонкæмæ трассæйыл. Фæндаггон фыдбылыз æрцыд 14 сахатмæ ввахс. Уый тыххæй хъусын кæны мидхъуыддæгты министрад. Æртæ адæймаджы фæмард сты бынаты, дыууæйæ та рынчындонмæ фæндагыл. «Лада Приора»-йы 2006-æм азы гуырд шофыр рагæпп кодта ныхмæ цæуæг тæлммæ æмæ скъуырдта йæ комкоммæ цы «Жигули» цыд уый. Ныртæккæ бынаты кусынц дзуапдæттæг ведомствотæ. Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ ивгъуыд къуыри Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл фамард 10 адæймаджы. Уымæ гæсгæ инспектортæ сидынц фæндаггон змæлды архайджытæм, цæмæй къæрцхъусдæр уой æмæ сæхи фыдбылызæй хизой.
















