Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты фыццаг æппæтуæрæсеон кубок зымæгон дисциплинæтæй райдыдта Ханты-Мансийскы.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы 300 архайæгæй фылдæр 60 регионæй фондз боны дæргъы ерыс кæндзысты биатлон, следж-хоккей, сноуборд æмæ къахдзоныгътыл бырынæй. Цæгат Ирыстоны номæй кубокы архайы Боциты Тотраз. Ерыстæ кæронмæ æрхæццæ уыдзысты 18-æм мартъийы.
















