Æхстытæ æмæ срæмыгъдтыты уынæр, æрмæст тæрсын нæ хъæуы. Спецназ æмæ кинологтæ бæрæгбоны равдыст бацæттæ кодтой. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, хъахъхъæнынц паддзахадон кусæджы. Йæ хæдтулгæйы фæндаг ын чидæр æрæхгæдта. Бынаты архайынц кинологтæ дæр. Куыдз машинæйы рудзынгæй мидæмæ багæпп кодта, фæлæ фыдгæнджытæй иу æхсынмæ фæци. Алидзынвæнд скодта, фæлæ уый йæ къухы нæ бафтыд.
Иннæ къорд та баурæдта ацæргæ сылгоймаджы телефон чи адавта, уыцы нæлгоймаджы. Æрцахстой йæ, хæтæл йæ хицауæн радтой. Операцитæ æххæстгонд цæуынц бæлвырдæй. Бæрæгбоны бирæ уазджыты ‘хсæн — скъоладзаутæ дæр. Равдыстмæ кæсгæйæ, бирæты æфсæддонтæ суæвын бафæндыд раст.
Паддзахадон хæрзиуджытæ райстой 2 мин æфсæддонæй фылдæр, сæ службæйы хæстæ æххæстгæнгæйæ фæмардысты 423-йæ. Æртæ систы иууыл бæрзонд хæрзиуæг — Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыры Стъалыйы аккаг. 49-æм хицæн оперативон бригады мемориалыл дидинджытæ сæвæрдтой. Уый фæстæ раззагдæрты риутыл, се ‘хсары æвдисæнау, майдантæ сæрттывтой.
Уæрæсейы Федерацийы Национ гвардийы 49-æм оперативон бригад æрæмбырд кодтой 1995-æм азы 14-æм мартъийы. Юбилейы фæдыл раарфæ кæнынмæ сæм æрбацыд дæсгай уазджытæ: ведомствæйы ветерантæ, салдæтты бинонтæ æмæ æввахс адæм. Кадджын мадзалы фæстæ — киноныв, музей æмæ бæрæгбоны фынгтæ.
Фыдыбæстæйæн лæггад кæнынц 30 азы дæргъы. Росгварди дæр, иннæ æфсæдтау, абон хъахъхъæны цæрджыты сабыр цард сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты.