2020 азы парти «Иугонд Уæрæсе» расидтис конкурс Фыдыбæстæйы стыр хæсты номыл хуыздæр скъолайы музей равзарын. Æркаст рауад егъау. Бацархайдтой дзы 3 мин ахуыргæнæндонæй фылдæр. Ныр уæлахиздзаутæ сбæрæг сты. Конкурс арæзт уыд 2 æмвæзадæй. Эксперттæ уæлахиздзауты ӕвзӕрстой сæрмагонд домæнтæм гæсгæ. Фылдæр хабæрттæ базыдта нæ уацхæссæг Дзæдзойты Фатимæ.
Ӕппӕт Ирыстонæй дæр ӕмӕ Беслæнæй дæр хæсты быдыры бирæ сахъгуырдтæ баззад. Хæстон цаутæ бахъахъхъæнын ахсджиаг ахсджиаг хьуыддӕг кӕй у, уый Беслæны 1-æм скъолайы хорз зонынц. Уымæ гæсгæ бацархайдтой Фыдыбæстæйы стыр хæсты музей саразыныл. Хæстон дзаумæттæ, фыстæджытæ, хæсты быдырæй æрвыст къамтæ. Алы дзаума дæр дзы у зынаргъ ӕмӕ стыр уарзондзинадимæ ӕвӕрд. Музейы разамонæг Гуыриаты Надеждæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ фыццаг сарæзта равдысты хуызы Фыдыбæстæйы стыр хæсты уæлахизы 70 азы юбилеймæ, фæлæ адæмы зæрдæмæ фæцыдис, æмæ ныр музейыл цæуы 15 азы бæрц.
Гуыриаты Надеждæ, Беслæны 1-æм скъолайы музейы разамонæг: «Нæ музейы ис, Советон Цæдисы дуджы, ӕвӕццӕгӕн, алы хæдзары дæр чи уыд, ахӕм хӕстон дзаумӕттӕ. Ис дзы бирæ цымыдисаг экспонаттæ. Зæгъæм, адон сты Советон цæдис æмæ æндæр паддзахадты ӕхцатæ, ныр пайда кӕмӕй нал кӕнӕм, ахӕмтӕ. Ардæм алы дзаума дæр æмбырд кодтам сабыргай. Кæй скъоладзаутæ сарæзтой, кæй та скъолайы кусджытæ æрбахастой. Елхотты цы археологон куыстытæ цыди, уырдыгæй дæр дзы ис ӕрмӕг. Музейы ис, цы равдисай æмæ цы бацамонай, уый. Зӕрдӕмӕ цӕудзӕн куыд чысыл сывæллæттæн, афтæ хистæр кълæсты ахуырдзаутæн дæр. Ацы залы арæх скӕнӕм тематикон ахуыртæ».
2020 азы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы расидтысты конкурс Фыдыбæстæйы стыр хæсты номыл хуыздæр скъолайы музей равзарын. Æркаст рауад егъау. Бацархайдтой дзы 3 мин ахуыргæнæндонæй фылдæр.
Цæгат-Кавказы федералон зылды горæтты ‘хсæн Беслæны 1-æм скъолайы музей бацахста 2-аг бынат, Мæздæджы районы Киевское хъæуы музей та 2 -аг бынат райста хъæууон музейты `хсæн.
Абон парти «Иугонд Уæрæсе»-уæнгтæ Беслæны 1-æм скъолайы кусджыты кадджын уавæры схорзæхджын кодтой кады гæххæттæй æмæ зынаргъ лæвæрттæй. Скъолайы директор куыд зæгъы, афтæмæй ахсджиаг у алы уæлахиз дæр, уæлдайдæр та ахæм конкурсы.
Ганиева Еленæ, Беслæны 1-æм скъолайы директор: «Мæнæн не скъолайы алы гыццыл уæлахиз дæр тынг æхсызгон вæййы. Уæлдайдæр та фæсивæды хъомыладимæ баст чи у, уыд. Сæрмагонд къордты хъайтарты ном цы скъола хæссы, уый æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзау кæй сси, уый нын тынг æхсызгон у».
Конкурс уыд 2 къæпхæнæй арæзт – регионалон æмæ федералон. Архайыны бар дзы уыди Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты Советон Цæдисы хъæбатырдзинады музей цы скъолаты ис, уыдонæн се “ппæтæн дæр. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Рахизфарсы районы бынæттон хайады разамонæг Куыдзиаты Алан куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм конкурстæ стыр хъомыс сты скъоладзауты патриотон хъомыладæн.
Акцийы сæйраг нысан у – рæзгæ фæлтæры æргом раздахын нæ райгуырæн бæстæйы хæстон намысмæ. Цæмæй фæсивæд зоной æмæ сӕ зӕрдыл дарой, нæ хистæртæ цы хъæбатырдзинад равыстой, уый.
















