Хуры тынахсӕн панелтӕ сты энергон тых дæттыны гуырæнтæй иу. Куыд кусы ахæм чысыл станцæ, уый ныр зонынц Фыййагдоны скъолайы дæр. Ахуырадон проекты райрæзтмæ йе ‘вæрæн хæссы бизнес дæр. Уæллаг Фыййагдон хуымæтæджы нæ равзæрстой. Цæмæн? Уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг.
Фидæны куыстытæн фæзуат равзар, проект сараз æмæ архайын райдай. Фыййагдоны скъоладзутæ, æцæг энергетиктау, сцымыдис сты. Бæрæг кæнынц æппæт лыстæгдзинæдтæ æмæ ахуыргæнджытæн сæ кæронбæттæны æнтыстытæ æвдисынц. Чысыл электростанцæ саразыны къæпхæнтæ егъау энергетикон объекты арæзтадæй ницæмæй хицæн кæнынц. Уый тыххæй фæсивæд уавæрмæ хуымæтæг цæстæй нæ кæсынц.
Скъоладзаутæ дыууæ боны дæргъы архайынц æвæллайгæйæ. Сæ зæрдæмæ ахæм тынг фæцыд, æмæ суанг изæрдалынгтæм ам баззайынц. Экологон æгъдауæй сыгъдæг энерги райсыны тыххæй хуры тынахсӕн панелтӕ æвæрынц ахуырадон проект «Экошкола»-йы фæлгæты. Бацæттæ йæ кодта компани «ЭкоЭнерджи Групп», «ЮнигринЭнерджи»-йы æххуысæй. Сывæллæттæн амонынц нырыккон технологитыл архайын, æххуыс сын кæнынц фидæны дæсныйад равзарынмӕ. Программæйы райрæзтæн бацæттæ кодтой сæрмагонд фæзуат, сарæзтой экологийы темæйыл вебинартæ.
Проект нæ республикæйы царды уадзынц Цæрæнуатон-коммуаналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады æххуысæй. Хурӕйкусгӕ электростанцæ у Фыййагдоны скъола ахуырадон проектмæ бахæссыны къæпхæнтæй иу. Афæдзы дæргъы специлисттæ фæсаууоны хуызы скъоладзаутæн араздзысты тематикон ахуыртæ.
Фидæны фæнд кæнынц æппæт бæстæйы дæр ахæм скъолатæ гом кæнын. Ныридæгæн сты 5, уыдонæй 4 Дагестаны, иу та Цæгат Ирыстоны. Уæллаг Фыййагдон хуымæтæйджы нæ равзæрстой — ам чысыл гидроэлектростанцæ саразынæн егъау гæнæнтæ ис. Иу скъолайæн йæ проект аразын ныридæгæн райдыдтой, 2024-æм азы хъуамæ байгом уа.
















