Гæлиаты æхсæрдзæны цур фæзынд ног арт-объект – хъисын фæндыр. Национ парк «Алания»-йы фæзуатыл æй сæвæрдтой сфæлдыстадон æрмадз «Mah Kond»-ы минæвæрттæ. Скульптурæ конд у дæсны Моурауты Сослан цы инструменттæ арæзта, уыдонмæ гæсгæ.
Моурауты Сослан сæндидзын кодта 8 национ инструменты. Экспонаты бæрзæнд у 5 метры. «Обустройство мест показа» мадзæлтты фæлгæты Цæгат Ирыстоны туризмы комитеты хъæппæрисæй фæзындзæн 10 ахæм арт-объекты. Уый размæ сæвæрдтой Нарты Сосланы, скифаг акинак, кæсæнæй конд фыранк æмæ сыкъайы хуызы бандон.
















