Фыццаджыдæр дисциплинæ æмæ хиуыл æввæлайгæ куыст. Æрмæст уый фæстæ та уæлахизтæ æмæ сæрыстырдзинад. ММА-спорт лæмæгъ адæмы нæ уарзы. Æппынæдзух тренировкæтæ æмæ сæрмагонд цардыуаг. Тыхтæ сæмбырд кæнын æмæ цæлхдурты сæрты хизын алкæй бон нæ вæййы. Уымæ гæсгæ спортивон клубтæм æрбацæуынц хъæддых фæсивæд. Стыр бæллицтимæ æрыгон богæлтты тыххæй нæ дарддæры æрмæг.
Хиуыл цæф ма руадзын, тренеры алы амынддзинад дæр бахъуыды кæнын æмæ ныхмæлæуды хи хорз равдисын.
Ацы фæсивæдæй алчидæр бæллы раззагдæр суæвынмæ. Уый тыххæй та сæ хъæуы хиуыл æвæллайгæйæ кусын æмæ æрмæст уæлахизмæ тырнын.
Гæззаты Азæмæт ацы спорты хуызмæ æрбацыд 19 аздзыдæй. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй хъæбысхæсты ацы хуыз рагæй цыд йæ зæрдæмæ. Фæндыд æй прфессионал суæвын. ММА-мæ æрæджы ис, уымæ гæсгæ йæхиуыл нæ ауæрды. Уæззау тренировкæтæ, боны фæтк. Йæхицæн сæвæрдта сæрмагонд нысан, æмæ йæм тырны. Йæ бæллицтæм бонæй-бон хæстæгдæр кæны. Æрæджы та фæуæлахиз “ACA Young Eagles” турниры. Ныртæккæ спортсмен йæ тыхтыл гуырысхо нæ кæны.
Гобаты Чермены ацы спортмæ æрбакодта йæ фыд. Лæппуйыл цыд 7 азы. Уæд Кæрдзыны сывæллоны æндæр цавæр спортмæ радтаиккой, уый уæвгæ дæр нæ уыд. Æмæ нæ фæрæдыдысты. Сабийæ фæстæмæ Чермен йæхиуыл куыста. Ныртæккæ у ММА-йы профессионалон спортсмен. Фондз тохы фæуæлахиз, нырма никæмæн фæхæрд. Алкæддæр вæййын уæлдай бæрнон. Фыццаджы дæр йæ клуб, хæлæрттæ æмæ тренертыл хъуыды кæнгæйæ.
Алы уæлахиз дæр спортсментæ нымайынц тренеры æнтыстдзинадыл дæр. Къадзты Инал йæ куыст нымайы царды нысаныл. Цымыдисагдæр та йæм фæкæсы йæ ахуыргæнинæгты фæндаг. Хуымæтæг лæппутæй профессионалон спортсментæ куыд рауайы, уый.
Зындгонд спортсмен суæвын æмæ бæллиц сæххæст кæнынæн хъæуы æрвылбон архайын, хиуыл кусын. Æрмæст афтæмæй къухы бафтдзæн æнтыстдзинæдтæ.
















