Цæгат Ирыстоны бизнесы рæзтæн банктæй æфстау æхца фылдæр исын райдыдтой – 7,5 млрд сомы æмиас. Уый ивгъуыд азимæ абаргæйæ у 46% фылдæр.
Республикæйы чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн кредиттæ радтой 37% фылдæр – 6 млрд соммæ ввахс. Егъау амалхъомадæн æфстау æхца радих кодтой 1млрд æмæ 5 милуан сомæй фылдæр. Уый ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæй дыууæ хатты фылдæр у.
Уæлдай æхсызгондæрæй банчы гæнæнтæй спайда кодтой хъæууонхæдзарадон, базарадон компанитæ, транспорт æмæ бастдзинады къабазы куыстуæттæ.
















