Кибератакæтæй хи бахъахъхъæнын æмæ афтæмæй ма бауадзын фæливджытæн хи асайын. Гимназ «Диалог»-ы сывæллæтты нымæцон ахуырадон центр «IT куб»-ы бындурыл ацыд «Урок цифры».
Фæсивæдæн радзырдтой, интернет тыгъдады хи бахъахъхъæнæн куыд ис, бæстонæй сбæрæг кодтой цæстфæлдахджытæ цавæр мадзæлттæй пайда кæнынц, уый.
















