Хъæууон хæдзарадон куыстæн грант цæмæй райсай, уый тыххæй хъæуы æппæт æмбæлгæ документтæ бадæттын. Се `мгъуыд аивта. Ныр курдиат ныффысæн уыдзæн 13-æй 26-æм июнмæ, раздæр ахæм фадат уыди 14-æй 25-æм маймæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, амалхъом адæмæн æмæ фермæйы куыст æрæджы чи райдыдта, уыдонæн паддзахадон æххуысæй спайда кæныны фадат кæй ис. Хъæууон хæдзарады райрæзтæн республикæйы кусы цалдæр программæйы. Æхцайы фæрæзтæ радих кæндзысты бынæттон бюджетæй. Гранты æппæты фылдæр бæрц у 30 милуан сомы. Уый, хъæууон-хæдзарадон куыстуаты хæрдзтæ 60% фылдæр куы нæ уой, уæд.
«Хъæууон хæдзарады министрад, нæ хайад æмæ нæ кусджытæ консультацион æххуыс кæнынц се `ппæтæн дæр. Документтæ чи `мбырд кæны æмæ гранттæ райсыныл чи архайы, уыдонæн. Уыцы куыст кодтам апрелы, майы æмæ йæ хæццæ кæндзыстæм 13 июнмæ», — хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къусраты Алан.
















