preloader
сейчас в эфире
05:29
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ +
ТВ ПРОГРАММА
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
close

Хъæдгæронæй Хадыхъаты бинонтæ уæззау цауы фæстæ сты фæкæсынцух

5.02.2024 14:11

Хæдзары фылдæр хай у пырх, хъæуы йæ ногæй самайын. Хæдзары дзауматæ басыгъдысты.

Газы срæмыгъд куыд æрцыд, уый ма йæ фæстаг тыхтæй Хадыхъаты Зитæ рынчындонмæ фæндагыл йæхæдæг дзырдта. Сылгоймаг уыцы бон йæ хабæртты фæдыл уыд Æрыдоны. Куы æрбаздæхт, уæд хæринаг хъарм кæнынмæ сæвæрон зæгъгæ, спичкæ ссыгъта, уыцы рæстæг æрцыд срæмыгъд, арт апарахат, ныккалд агъуысты сæр.

Сыхæгтæй сылгоймаджы ахæм уавæры фыццаг Хуырымты Æхсæртæг федта. Архайдта сылгоймагæн баххуыс кæныныл. Уæдмæ иннæ сыхæгтæ дæр фæфæдис сты.

Хадыхъаты бинонтæ Хъæдгæронты æрцардысты 12 азы размæ. Уæд смал кодтой ам хæдзар. Сæ къух куыд амыдта, афтæ йæм сабыргай зылдысты.

Бинонтæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй дзуапдæттæг куыстуат хæдзары газ алыг кодта. Уазал рæстæг кæй у, уымæ гæсгæ пайда кодтой газы баллонæй. Куыд сæхи хъарм кæнынæн, афтæ хæдзары куыстытæн дæр. Зæгъæн ис æмæ рæстæгмæ иу агъуысты æрцардысты.

Хадыхъаты Зитæйыл цыд 35 азы. Иууылдæр æй зыдтой хъæлдзæг, зæрдæхæлар æмæ цæстуарзон адæймагæй. Сылгоймагæн йæ фæстæ баззад фондз æнахъом сывæллоны. Æртæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Хистæрыл цæуы 15 азы, кæстæрыл та 2 мæйы. Уыд хорз ныййарæг. Рынчындонмæ фæндагыл катайы уыд, фæлæ уæддæр ныййарæг йæ цоты фæдзæхста. Бинонты закъоны бындурыл раиртасын фæнды дзуапдæттæг ведомствойы раст архайд.

Хадыхъаты бинонты фарсмæ æрбалæууыдысты æппæт хъæубæстæ æмæ республикæ нæ, фæлæ ма бæстæйы алы горæтты æмæ фæсарæнты цæрджытæ. Æнамонд цауы æмæ бинонтæн фарсмæ балæууыны тыххæй хъусынгæнинаг апарахат кодтой Æппæтадæмон æхæсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас» дæр.

Фыдбылыз дам иунæг нæ вæййы. Бинонтæ сты зын уавæры. Уыимæ ма Зитæйы сывæллæттæй иуæн йæ æнæниздзинады тыххæй хъæуы медицинон æххуыс бакæнын бæстæйы сæйраг горæты клиникæтæй иуы. Балæууын хъæуы æнæ хæдзрæй цы сабитæ баззадысты, уыдоны фарсмæ. Хадыхъаты бинонтæн баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдонæн сæ бон фæрæзтæ æрвитын у мæнæ ныртæккæ экраныл цы номыртæ уынут, уыдонмæ гæсгæ.

Хадыхъаты бинонтæ бузныг зæгъынц, сæ фарсмæ чи балæууыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Уæлдайдæр Дзидаханты Хасанæн, Бураты Русланæн, Уатыты Зелимæн æмæ Агънаты Хъауырбегæн. Зæрдæхæлар адæм бирæ ис, уæззау уавæры чи бахауд, уыцы сывæллæттæм æххуысы къух бадарæм.

Калоты Дзерассæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Куссу I Вокзал для двоих
29.09.2026
Зелимхан Тохтиев I Профессиональный путь
29.09.2026
Къæмынты чиныгдон æмæ Нæртон куывд Горæтгæрон районы | Йæ рæстæгыл
29.09.2026
Ультрафиолетовое излучение I Разбор полетов
29.09.2026
Бæззаты Скиф — актёр ӕмӕ каскадер | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
29.09.2026
Хынцӕгты-Хъазиты Разитӕ I Фæрдгуытæ
28.09.2026
Алименты, донорство крови, конкурс наставников I Самое время
28.09.2026
Вам и не снилось! I Доброе утро, Осетия!
28.09.2026
Ко Дню города Владикавказ — концерт «Владикавказ, я люблю тебя!»
27.09.2026
Ко Дню города Владикавказ — специальный эфир «Владикавказ, я люблю тебя!»
27.09.2026
Казбек Цагараев | Статус тренер
27.09.2026
Рассеянный склероз | Медикум
27.09.2026
Дзамболат Дулаев | Светлые люди
26.09.2026
В своем кругу I 26.09.2026
26.09.2026
Бинонтæ I Хадыхъаты Франц æмæ Тинӕ
26.09.2026
Все рекомендуемое