Бабаты Максим ахуыр кæны аграрон университеты зæхкусыны факультеты 3-æм курсы. Æрвылаз йе ‘мкурсонтимæ иумæ практикæ цæуы республикæйы быдырты. Специалисттæн æххуыс кæнынц сысджы, мæнæу æмæ картоф садзынмæ, зилынц зайæгойтæм. Ахуыры фæстæ лæппу фæнд кæны йæ дæсныйадмæ гæсгæ кусын, скæнын хи хæдзарад, дарын фос.
Сысджы 5 сантиметрæй арфдæр садзын нæ хъæуы. Уæвгæ, уый мæры уымæлад æмæ æндæр уавæртæй аразгæ у. Студенттæ лæмбынæг хъусынц разамонджытæм. Амонынц сын зæхх раст бацæттæ кæнын куыд хъæуы, цавæр хъацæнтæ йын хъæуы цæмæй хуыздæр æрзайа тыллæг. Быдыры куыст практикон зонындзинæдтæй уæлдай хорз у уымæй, æмæ ам фæсивæд хъæлдзæгæй арвитынц сæ рæстæг, ссарынц ног хæлæрттæ.
Фæстаг азты агрономы дæсныйад, æцæгдæр, кæны парахат. Къабаз æнтыстджынæй рæзы. Хъæууон хæдзарады хъæууы æрыгон адæм æмæ ацы куыст чи уарзы, ахæм специалисттæ.
{Сысджыйы фæстæ фæсивæд бавналдзысты картоф садзынмæ. Быдырты студенттæ ахуырадон практикæ цæуынц фыццæгæм курсы фæстæ. Тыллæг куыд зайдзæн, уыцы æппæт къæпхæнтæм дарддæр сæ цæст дардзысты. Ацы архайд, æнæмæнг, ахъаз у фидæны дæсныйады сусæгдзинæдтæ хуыздæр базонынæн.
















