Фыццаг номыртæй журнал “Сырх Дидинæг” адæмы зæрдæтæм ссардта фæндаг. Уыцы рæстæджы цы гæнæнтæ уыд, уый хынцгæйæ, уыд хъæздыг, мидисджын æмæ алывæрсыг. Æмдзæвгæтæ, аргъæуттæ, радзырдтæ, уыци-уыцитæ æмæ базон-базонтæ. Уæдæ дзы иллюстрацитæ дæр уыдис. Ацы бынат редакцийы нымад у сæйрагдæрыл. Архивы – алы дугты мыхуыргонд номыртæ.
Йæ фыццаг редактор Тотраты Хадзбатыр. Уый 1937-æм азы журнал æххæстæй бацæтттæ кодта мыхуырмæ. Фæлæ, хъыгагæн, Тотраты Хадзбатыр репрессигонд æрцыд. Уæвгæ, уыцы рæстæг тæссаг уавæры уыд ирон æвзаг дæр. Уымæ гæсгæ, журнал ныммыхуыр кæнын къухы кæй бафтыд, уый нымад уыд æцæг æнтыстдзинадыл. Йæ дыккаг редактор сси Епхиты Тæтæри. Журналы номырты фыццаг къахдзæфтæ акодтой зындгонд поэттæ, фысджытæ, драматургтæ æмæ публицисттæ.
Ныридæгæн дæр литературæйы йæхи чи фæлвары, уыдонæн кæддæриддæр фадат ис сæ куыстытæ Ногдзауы мыхуыр кæнынæн. Абон Сæлбиты Дианæ йæ сæйрагдæр хæсыл нымайы канд хъæздыг бынтæ хъахъхъахъæнын нæ, ахсджиагдæр у сæ райрæзтыл кусын. Уыцы хъуыддаджы йын æххуыс кæнынц йе ‘мкусджытæ.
Абон Цæгат Кавказы регионты ‘хсæн “Ногдзау” нымад у раззагдæр рауагъдадыл. Æмæ диссаг дæр нæу. Редакцийы пайда кæнынц алыхуызон фæрæзтæй журнал парахат кæнынæн. Зæгъæм, сæ архайд æвдисынц социалон хызæгты, афтæмæй ноджы фылдæр адæмы ргом здахынц се сфæлдыстадон цардмæ. Ам Сæлбиты Дианæ расиды алыхуызон конкурстæ. Сывæллæттæ бацæттæ кæнынц æмдзæвгæтæ кæнæ радзырдтæ. Видеоæрмæджытæ æвæрд æрцæуынц социалон хызæгты æмæ афтæмæй равзарынц уæлахиздзауты.
Кæстæртæм мадæлон æвзаг æмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад рæзын кæнын – редакцийы нымайынц сæ сæйрагдæр нысаныл. Цы æркастытæ расидынц, уыдоны та ссисты традицийы хуызæн. Фæархайынц дзы æгас республикæйы сывæллæттæ. Æмæ ма суанг æндæр регионты минæвæрттæ дæр. Хава Дикаева у цæцæйнаг. Журналы конкурсты фыццаг хатт нæ архайы. Цымыдисаг та уый у, æмæ чызг æрмæджытæ бацæттæ кæны ирон æвзагыл.
Сывæллæттæй уæлдай конкурсты фæархайынц, рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæ дæр. Куыд нын радзырдтой, афтæмæй журналмæ тынг кæй цымыдис кæнынц, уый иу хъуыддаг. Хъомылгæнджытæн “Ногдзау” сси методикон æрмæджы хуызæн.
Уæвгæ та, афтæ арæзт сты журналы рубрикæтæ иууылдæр. Æдæппæтæй сты 20. Дзырдбыдтæ, филвордтæ, ахорæнтæ, базон-базонтæ, æмдзæвгæтæ, радзырдтæ. Се ‘ппæт дæр иронау. Æрæджы та бакуыстой ног рубрикæйыл. Хуыйны “Детектив”, уыимæ сарæзтой комикстæ. Сывæллæтты зæрдæмæ канд мидис нæ цæуы. Æхсызгон у алы номыры æддаг бакаст дæр. Ууыл архайынц нæ республикæйы зындгонддæр нывгæнджытæ. Иу номырæй иннæ номырмæ ам хъуыды кæнынц ногдзинæдтæ, журналкæсджыты курдиæттæ хынцгæйæ.
Редакцийы 8 адæймаджы йеддæмæ нæй. Дзуццаты Зæлинæ “Ногдзау”-ы æрæджы райдыдта кусын. Йæ хæстæ æмæ домæнтæ уайтагъд бамбæрста.
Журнал мыхуыргонд цæуы дыууæ мæйы иу хатт. Ныридæгæн специалисттæ удуæлдайæ цæттæ кæнынц æрмæг.
















