Хæсты архайæг, ветеран Бигъуылаты Юрий фембæлд студенттӕ æмæ скъоладзаутимæ. Фæсивæдимæ фембæлд сарæзтой «Ирыстоны Историйы Сыфтæ» проекты фæлгæты.
Бигъуылаты Юрий радзырдта царды æмæ хæстон цауты тыххæй. Ныхас кодтой, куыд ахсджиаг у Фыдыбæстæ хъахъхъæнын æмæ патриот уæвын. Фæсивæдæн фадат уыди, цы фæрстытæ сæ цымыдис кодтой, уыдонæн дзуæппытæ фехъусын.
















