Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты архайдзысты Цæгат Ирыстонæй 30 спортсмены. Уыдоны ’хсæн Тускъаты Азæмæт, Байаты Давид, Рæмонты Сослан, Сидахъаты Зауырбег æмæ Цæболты Хетæг. Ерыстæ цæудзысты Наро-Фоминскы 15-æй -18-æм октябры онг.
Хъæбысæйхæцджыты сæйраг тренер Гозымты Хетæг куыд бафиппайдта, афтæмæй спортсментæ сты кæронбæттæн къæпхæны. Чемпионаты хатдзæгтæм гæсгæ, сараздзысты иугонд командæ. Уый абалц кæндзæн дунеон чемпионатмæ, ацæудзæн Сербийы, декабры.
















