Нæ республикæйы бирæвæрсыг центртæ цæттæ сты амалхъом адæмæн баххуыс кæнынмæ. Ахæм рæттæ æдæппæтæй сты 11. Амалхъом адæмæн дзы лæггæдтæ кæнынц хицæн хайæдтæ. Уый руаджы сæ бон уыдзæн центрты æппæт авналæнтæй дæр æнцондæрæй пайда кæнын. Уымæй уæлдай ма сын хицæн хайæдтæ кæй сарæзтой, уый руаджы сæ рады лæууын нал хъæудзæн. Центры 30 кусæджы сæрмагондæй бацæттæ кодтой амалхъом адæмы фонды æмæ ныр гæппæввонгæй лæууынц æмбæлгæ æххуыс бакæнынмæ.
Гæтæгты хадзымæт, бирæвæрсыг центры хайады разамонæг: «Ацы хъуыддагмæ йе ‘ргом аздæхта нæ республикæйы сæргълæууæг. Уый фæстæ та сæ байгом кодтам æппæт хайадты дæр, лæггæдты хæрзхъæдзинад фæуæлдæр кæнынæн. Адæмæн хорз æххуыс уыдзысты».
















