Цæгат Ирыстоны æфсæддонтæ кæдфæндыдæр хицæн кæнынц сæ хъайтардзинад æмæ æхсардзинадæй. Сæ хуыздæртæй иу у Хъаирты Тимур. Йæ царды фылдæр хай лæггад кодта йæ Фыдыбæстæйæн. Фесгуыхт сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты дæр. Тохы быдыры йæ къорд æххæст кодта æппæты уæззаудæр хæстæ. Фæлæ Запоржьейы ‘рдæм цыд Тимуры цард дыууæ дихы фæкодта.
Йæ кителыл дæсгай паддзахадон хæрзиуæджы хъайтардзинады, æхсардзинады æмæ æвзыгъддзинады тыххæй. Уæлдай зынаргъ та Хъаирты Тимурæн сты сызгъæрин стъалытæ, уыдон командирæн йæ æфсæддонтæ балæвар кодтой. Сæрыстырæй сæ дары, аргъ сын кæны йæ æдзард хæлæртты хъуыды кæнгæйæ. Уыцы бон Тимур никуы ферох кæндзæн. Уæззау тохы æрмæст æфсæддонты нæ фесæфта, фæлæ æцæг хæлæртты.
Запорожьейы здæхт. Хъаирты Тимуры размæ сæвæрдтой хæс – къорд куыд фалдæр барвитын. Сахат æмæ æрдæгмæ командæ хæцæнгарæзæй ма спайда кæнгæйæ размæ ацыд дыууæ æмæ æрдæг километры. Æфсæддонтæ знагимæ æнæмбæрц тохы бацыдысты, фæлæ сæ уæддæр ныппырх кодтой. Ныхмæлæууæг фæстæмæцыды спайда кодта рæмудзæн æрмæгæй. Æхсæз уæрæсейаг æфсæддоны фæмардысты, æмбæлттæ командиры сæхицæй бамбæхстой. Тимур уæззау цæф фæцис. Уый фæстæ йын госпиталы йæ къах алыг кодтой.
Хъаирты Тимур йæ Фыдыбæстæйæн снывонд кодта 20 азæй фылдæр. Ацыд æппæты уæззаудæр кампанитæ. Хуссар Ирыстоны быцæу, Сири æмæ Ливимæ командировкæтæ. Райгуырæн бæстæйы интерестæ хъахъхъæдта раззагдæрты ‘хсæн. Æмæ уый диссаг нæу, æфсæддонты бинонтæй рацæуæг куы уай, уæд. Йæ сæйраг дæнцæг алкæддæр уыд йæ фыд. Скъолайы фæстæ Тимур уый бафæзмгæйæ бацыд Дзæуджыхъæуккаг æфсæддон училищæмæ. Фæлæ йæ каст нæ фæцис, йæ фыд уæззау фæрынчын æмæ йæ ахуыр ныууагъта. Фæлæ йæ уарзон хъуыддагыл йæ зæрдæ нæ сивта, фæстæдæр службæ кодта сгарæн батальоны
Кæройнаг æмæ æппæты зындæр командировкæ Тимурæн рауад Сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ. Тохы быдыры уыд фыццаг бонтæй фæстæмæ, разамынд лæвæрдта 429 полчы 3-аг батальонæн. Уырдыгæй æфсæддон сыздæхт фарон, фæлæ йæ хæстон хæлæрттæй хорз ныхæстæ абондæр райсы.
Хæдзары Тимурмæ æнхъæлмæ кастысты йæ бинонтæ. Йæ къай, сæ æртæ фырты æмæ чысыл чызг София. Ныртæккæ йæ царды стырдæр нысан сты йæ цот. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдонæй дард уæвгæйæ зæрдæ æрхæндæг кодта.
“Мæ бон цы уыд, уый раттон мæ Райгуырæн зæххæн. Ныртæккæ та мæ лæггад кæнын фæнды мæ адæмæн”,– зæгъы Тимур. Нæлгоймаг йæ размæ сæвæрдта нысан рæзгæ фæлтæры патриотизмы бындурыл хъомыл кæнын æмæ дарддæр йæ æмбæстæгтæн æххуыс кæнын.
















