Бехъаны цады дамбæйы дыууæ хайæн ис тæссаг уавæр. Дон куы ракæла, уæд йæ бон у Алагиры фæндаг ахæссын. Сергей Меняйло аппаратон æмбырды бабар кодта лæмбынæгæй сбæрæг кæнын донмарæны уавæр.
Республикæйы сæргълæууæг Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министр Кокуаты Виталиимæ æрныхас кодта Бехъаны цады куыстытыл. Министр куыд фæнысан кодта, афтæмæй доны бæрц у йæ раздæры бæрæггæнæны онг. Уымæй уæлдай ма аппаратон æмбырды сæргълæууæг бабар кодта льготон хостæ кæй нæ фаг кæны, уыцы фарста сбæлвырд кæнын. Ныхас цыд нацпроекттыл дæр. Финансты министрады информацимæ гæсгæ фæрæзты 70% фылдæр хардзгонд æрцыд.
















