Республикæйы бюджет, газификаци æмæ артаджы станцæты арæзтадæн субсидитæ рахай кæныныл дзырдтой хицауады æнæрадон æмбырды. Амыдта йæ Дзанайты Барис.
Бюджеты æфтиæгтыл бафтдзæн федералон фæрæзтæй. Æдæппæтæй 1,3 млрд сомы. Сæ фылдæр хардзгонд цæудзысты социалон къабазыл. 336 млн ацæудзысты æрвылмæйон фиддонтыл 3-7 азы онг кæуыл цæуы, уыдонæн. 85 милуанæй та бафиддзысты æртæ азы онг кæуыл цæуы, уыимæ æртæ сывæллонæй фылдæр цы бинонты ис, уыдонæн. Уæлæмхасæн æххуыс райсдзысты Бесланы теракты хъыгдæрд чи баййафта, уыцы цæрджытæ. Хъалонтæй дæр бюджет фæхъæздыгдæр уыдзæн 731 милуан сомæй. Социалон æххуысы мадзæлттæн рауæлдай кæндзысты 563 милуаны. Бынæттон хиуынаффæйадтæ æмæ муниципалитеттæ та райсдзысты 311 милуаны. Бæрнон кусджыты ныхæстæм гæсгæ, хи хъалон æмæ æнæхъалон æфтийæгты дефицит равдыста 2,8 миллиард сомы. Баххæст æй кæндзысты фæстауæрцгæнæн фондтæй. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ æрдзон газ ацы аз бауагътой 1300 хæдзармæ. Уый тыххæй фехъусын кодта дзуапдæттæг министр.
















