Премьер Дзанайты Барис фембæлд Цæгат Кавказы федералон зылды паддзахадон программæтæ æххæст кæныны департаменты директор Камиль Бексултановимæ. Ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты мадзæлттыл. Камиль Бексултанов республикæйы архайдæй разыйæ баззад. Уæлдай æргом здæхт цæуы Беслæны генералон пъланмæ.
Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты дæр куыстытæ цæуынц бæлвырд æмгъуыдмæ гӕсгӕ. Фембæлды кæрон Дзанайты Барис департаменты директорæн арфæ ракодта, экономикон рæзты министрад стыр бавæрæн кæй хæссы Ирыстоны райрæзтмæ, уый фæдыл.
Абон ма хицауады æмбырды дзырдтой, «Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты» паддзахадон программæ нæ республикæйы куыд æххæстгонд цæуы, ууыл. Камиль Бексултанов куыд фæнысан кодта, афтæмæй æххæстгæнæн дисциплинæ регионы у бæрзонд æмвæзадыл.
















