Наркотикты æнæзакъон зилдухы управленийы кусджытæ сбæрæг кодтой, пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм хос «Прегабалин» чи парахат кодта, уыцы фыдгæнæджы.
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ æмæ сæрмагонд дæлхайады кусджытæ бынатмæ атагъд кодтой. Слестгæнæн мадзæлтты рæстæг рабæрæг, хостæ Дзæуджыхъæуы 40-аздзыд цæрæг сылгоймаг кæй парахат кодта, уый. Куыд рабæрæг афтæмæй «Лирикæ» кæй хонынц, уыцы хос амал кодта Стъараполы крайы. Æдæппæтæй йæм ссардтой 3 мин дозæйæ фылдæр. Сылгоймаджы æрцахстой республикæйы дыууæ цæрæгæн æй уæй кæнынмæ куыд хъавыд, уæд. Уый та у æнæзакъон. «Лирикæ» чи парахат кæна, уыцы знаггадгæнджытæ дзуапп дæтдзысты Уæрæсейы уголовон кодексы 234-æм уацмæ гæсгæ.















