preloader
сейчас в эфире
00:57
НАЦИОНАЛЬНЫЕ ИНТЕРЕСЫ (ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ +
01:20
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
01:40
ВКУС ГРАНАТА (6-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
НАЦИОНАЛЬНЫЕ ИНТЕРЕСЫ (ПОВТОР) 12+
close

Хубулуриты царды уавæртæ

7.02.2018 16:45

Уырнгæ дæр никæй бакæндзæн ныртæккæйы рæстæджы ма ахæм мæгуыр цард исчи кæны, уый. Фæлæ Хубулуриты бинонтæ иу фыдбылызæй лидзгæйæ иннæйы ныххаудысты. Сæ æдасдзинад хъахъхъæнгæйæ Ирыстонмæ æрбалыгъдысты, фæлæ сæм ам кæлæддзаг хæдзарæй дарддæр ницы æнхъæлмæ каст.

Цар мæнæ-мæнæ æркæлдзæн. Дымгæйæ хи бахъахъхъæнын та у тынг зын. Зæгъæн ис æмæ хæдзары уынджы боныхъæдæй хъауджыдæр нæу.Иуыл æвирхъау та уый у, æмæ сырд дæр цы уавæрты нæ фæцæрдзæн æхæмты цæрынц Хубулуриты бинонтæ æмæ се` нахъом сывæллæттæ.

«Хъыгагæн нын никæй бон ссис баххуыс кæнын.Æнхъæлмæ кæсын хъæуы. Фæлæ ам цæрынæн фæдæттæ нæй.Æххуысмæ та кæцæй æнхъæлмæ кæсæм.Бацагуриккам æй,фæлæ кæдæм фæцæуæм?!», – загъы Ани Хубулури.

Ацы бинонты 90-æм азты Гуырдзыйы хæст куы райдыдта,уæд бахъуыд сæ хъарм хæдзар ныууадзын. Гъе,йеуæдæй нырмæ æрцардысты ацыæдзæллаг бæстыхайы.Кæддæр уыд рæвдауæндон. Лыгъд адæймаджы ном афойнадыл сæ къухы нæ бафтыд, æмæ уымæ гæсгæ хæдзар райсынмæ слæууын сæ бон нæ бацис. Ани йæ сæры хицауимæ цард рæстæгмæ ист фатеры.Фæлæ цард мæнгард у,æмæ æрæджы сылгоймаг дыууæ сывæллоннимæ баззад идæдзæй. Ууыл йæ зындзинæдтæ нæ фесты. Ныййарæг мад адджын у,фæрынчын,æмæ йæ уымæ дæр кæсын хъæуы . Ани кæмдæрты акусы,æмæ ма уымæ гæсгæ сæ къæхтыл лæууынц.Фæлæ кæдмæ?

Бирæ азты дæргъы Ани иу æмæ дыууæ хатты æххуыссмæ нæ расидт,хъæугæ куыстуæттæм та къах ихсыд бацис. Бинонты æххуысс хъуаг чи ййафы,ахæмтыл банымадтой,цæрæнуат райсыны тыххæй сæ рады слæууын кодтой. Хыгъды сты 390-æймæгтæ.Уый та ууыл дзурæг у,æмæ хъæугæ уавæрты цæрын тагъд рæстæджы нæ райдайдзысты.

«Фæнды мæ цæмæй мæ сывæллæттæ хуыздæр уавæрты цæрой. Цæмæй ма тæрсой æртæккæ сыл цар æркæлдзæн,къул сыл рафæлдæхдзæн,къæвда бон та доны бын фæуыдзысты,уымæй.Фæнды мæ цæмæй цæрой цæрынæн хуыздæр цы уавæртæ сты,ахæмты», – Ани Хубулури загъы .

Хуыцау бафхæрын куыд зоны,афтæ барæвдауын дæр. Дунейы хорз адæм бирæ ис.Æрæджы нæ республикæйы цæрджытæй райстой æххуыс.Сæ къух гыццыл фæрогдæр ис

«Бирæ азты дæргъы мæм никуы фæзынд ахæм хъуыды,æмæ зæххыл ахæм зæрдæхæлар адæм кæй ис. Адæмы хъæр кæмæ бахъардзæн, æмæ баххуысс кæнынмæ чи батагъд кæндзæн. Фæнды мæ ссарын уыцы адæмы,æмæ сын зæрдиагæй фæбузныгтæ кæнын», – Ани Хубулури загъы .

Адæм æххуыс кæнынц.Фæлæ цæмæй ацы бинонтæн фæзына хи хæдзар,уый тыххæй хъуамæ хицауад дæр бацархайа.Горæтгæрон районы администрацимæ ацы фарстаимæ бахатыдыстæм. Уым нын зæрдæ бавæрдтой Хубулуриты бинонтæн тагъд рæстæджы,кæй баххуыс кæндзысты.

«Горæтгæрон районы администрацимæ хæдзар раттыны хъуыдыимæ ма фæзынд ноджы иу,раттын нын зæххы гæбаз.фæлæ та уый дæр суыдзæн къуылымпыйы хос,катай кæндзыстæм хæдзар сын цæмæй æмæ куыд скæнæм. Фæлæ ацы фарстайыл кусын райдыдтам», – гæрæтгæрон районы администрацийы сæрдары хæдивæг Джиоты Владимир загъта.

Хубулуриты бинонты ис ныфс, кæй сын фæзындзæн хъарм æмæ райдзаст хæдзар.Мах та ацы бинонты цардмæ дарддæр дæр нæ хъус дардзыстæм.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Самвел Гаспарянц | Дело мастера
30.09.2026
Коста Хетагуров на испанском: мост между Осетией и Латинской Америкой | Национальные интересы
30.09.2026
Доброе утро, Осетия! I День перевода
30.09.2026
Куссу I Вокзал для двоих
29.09.2026
Зелимхан Тохтиев I Профессиональный путь
29.09.2026
Къæмынты чиныгдон æмæ Нæртон куывд Горæтгæрон районы | Йæ рæстæгыл
29.09.2026
Ультрафиолетовое излучение I Разбор полетов
29.09.2026
Бæззаты Скиф — актёр ӕмӕ каскадер | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
29.09.2026
Хынцӕгты-Хъазиты Разитӕ I Фæрдгуытæ
28.09.2026
Алименты, донорство крови, конкурс наставников I Самое время
28.09.2026
Вам и не снилось! I Доброе утро, Осетия!
28.09.2026
Ко Дню города Владикавказ — концерт «Владикавказ, я люблю тебя!»
27.09.2026
Ко Дню города Владикавказ — специальный эфир «Владикавказ, я люблю тебя!»
27.09.2026
Казбек Цагараев | Статус тренер
27.09.2026
Рассеянный склероз | Медикум
27.09.2026
Все рекомендуемое