Алыхуызон хæринæгтæ кæнын базонын. Ахæм фадат ис Бинонты хъомыладæн æххуысы центр «Хуры тын»-ы архайджытæн. Дæсныйады сусæгдзинæдтæ базонын сын æххуыс кæнынц Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты студенттæ дæр. Меню æрвылбон алыхуызон вæййы.
Картоф сфыцын, уырыдзы бастъигъын, цæхæра лыстæг скæрдын. Æрыгон хæринаггæнджытæ абон аразынц винегрет. Сабиты æнтыстытæ бонæй-бонмæ фылдæр кæнынц. Кæд раздæр, бутерброд кæнын едтæмæ, ницы зыдтой, уæд абон 8-аздзыд сывæллæттæ алцæмæ дæр æнцонæй арæхсынц. Сæ зæрдæмæ ахæм тынг цæуы, æмæ бирæтæ сæ фидæны дæсныйад дæр сæхицæн сбæлвырд кодтой.
Сабитæ зæрдиагæй кæнынц хæринæгтæ. Ацы хъуыддаджы сын алцы базонын дæр цымыдисаг у. Уый тыххæй та сæ цуры æппынæдзух лæууынц сæ зондамонджытæ – Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты студенттæ. Хæринаггæнæджы дæсныйадæй уæлдай сын амонынц, кусæн бынат хъуамæ сыгъдæг кæй уа. Уый æнæмæнг у. Уæдæ фынг куыд æрæвæрын хъæуы, уый дæр зонынц.
Ахæм ахуыртæ сæйрагдæр хъæуынц, цæмæй сывæллæттæ хи фæллойæ цæрын базоной. Уæд сын, сывæллæтты хæдзарæй акъахдзæфгæнгæйæ. бирæ æнцондæр уыдзæн. Ахуыргæнджытæ сæ куыстæй разы сты, уымæн æмæ архайд сабиты зæрдæмæ цæуы. Уымæн æвдисæн сæ цæстыты цæхæр.
Абон хæринаггæнæджы дæсныйад тынг хъæугæ у. Йæхицæн æй чи равзара, уымæ Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты æнхъæлмæ кæсынц.
Ахуыртæ цæуынц къуыри цалдæр хатты. Бирæгайттӕй не сты сывæллæттæ, æрмæст æстгæйттæ. Афтæ æппæт сусæгдзинæдтæ дæр бæлвырдæй базондзысты.
















