Хуссар Ирыстон абон бæрæг кæны республикæйы бон. Уыцы историон цау æрцыд 31 азы размæ.
1990-æм азы 20-æм сентябры Хуссар Ирыстоны автономон облæсты адæмон депутатты совет схъæлæс кодта Хуссар Ирыстоны республикæ саразыныл. Историон цауæн уыд ахсджиаг фæстиуджытæ.
Театралон фæзы Цхинвалы бæрæгбоны номыл ацыд æфсæддон парад. Кадджын мадзалы маршы цыдысты хъахъхъæнынады æмæ мидхъуыддæгты министрадтыы кусджытæ. Паддзахадон æдасдзинады службæгæнджытæ, арæнхъахъхъæнджытæ, Федералон æдасдзинады æмæ 4-æм гвардийы æфсæддон базæйы минæвæрттæ. Уымæй уæлдай республикæйы арæзт уыдзысты алыхуызон спортивон мадзæлттæ æмæ концерттæ.
















