Абон Ирыстоны адæмæн у уæззау бон. Цхинвалмæ сыхаг Гуырдзыстон куы бабырста, уыцы бонæй рацыд 15 азы. 2008 азы 8 август нæ истори æмæ нæ хъуыдыкæнынады баззад сау тæлмæй. Уыцы лæгæвзарæн рæстæг сси нæ иудзинад æмæ хъæбатырдзинады æвдисæн. 5 боны едтæмæ чи нæ ахаста, уыцы хæсты фæстæ цал æмæ цал ног ингæны фæзынд нæ уæлмæрдты, цал сидзæры, цал идæдз сылгоймаджы… Бон раздæр Цхинвалы «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджыты» цыртдзæвæны цур сæмбырд сæдæгай адæм. Дидинджытæ сæвæрдтой мемориалыл. Æвирхъау цауты амæттæгты нæмттæ æрхъуыды кодтой минут æдзæмæй алæугæйæ. Мадзалы архайджытæм фæсидт республикæйы президент Гаглойты Алан.
Дидинджытæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цыртдзæвæнтыл æвæрдтой боны дæргъы. Мысæн бынæттæй иу Уæрæсейы сабырдзинадтауджыты пырх казармæ. Уыдон фыццаг æрлæууыдсты Гуырдзыстоны лæгмарты ныхмæ. Сæ ном сын Президентæй уæлдай ссардтой республикæйы раздæры разамонджытæ Цыбырты Людвиг, Тыбылты Леонид, æхсæнадон архайаджытæ æмæ æфсæддонтæ. Дидинджытæ ма сæвæрдтой Галуанты Оледжы æмæ сæрмагонд дæлхайæдты службæгæнджыты номыл цыртдзæвæнтыл.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло 8 август схуыдта, Гуырдзыстонимæ ныхас кæнынæн гæнæн куы нал уыд, уыцы бон. Хъуыдис адæмы бахъахъхъæнын. Æмæ Уæрæсе фæстæ нæ фæлæууыд. Уæдæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæхæдæг дæр фæрсæй-фæрстæм æрлæууыдысты Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Гуырдзыйы æфсæдтæ фæсурыны операцийы Сергей Меняйло архайдта йæхæдæг. Уыд Сауденджызон флоты тыхты иугонды сæргъы абхазаг здæхты. Уым уыдысты Сауденджызон флоты наутæ æмæ уæлдæфон-десантон æфсæдтæ. Республикæйы сæргълæууæг фæнысан кодта, ныр 15 азы Хуссар Ирыстон кæй цæры сабыр æмæ хæдбарæй. Æмæ йæ мах хорз зонæм, уыцы сабырдзинад æмæ хæдбардзинадæн цы аргъ бафыстам, уый.
















