Ихын аренæ “Тагбан”-ы кæронмæ æрхæццæ къахдзоныгътыл аив бырынæй турнир. Архайдтой дзы алы кары æмæ æмвæзадыл спортсментæ. Ног къæпхæнмæ схизын æмæ арæхстдзинад равдисынмæ сæдæ æнахъомы ссыдысты бæстæйы Хуссары регионтæй. Хорзæхджын сæ кодтой алы номинацийы фæстæ дæр. Кады гæххæттытæ æмæ лæвæрттæ райстой мадзаларазджыты номæй.
















