Фыццаг бакастæй — хуымæтæг æркаст. Дохтыртæ чысыл пациентты исынц, амынддзинæдтæ дæттынц. Фæлæ уæлдæфы — бæрæгбоны уддзæф. Уымæн æмæ медицинон кусджытæ сабыргай сæхи поликлиникæмæ здæхынц, нырыккон æмæ æнцонвадат уавæртæм. Кокайты Дзерассæ сын ныридæгæн аргъ скодта. Физиотерапевтæй кусы 50 азы дæргъы.
Поликлиникæ куы сарæзтой, уæдæй нырмæ фыццаг хатт æрцыд цалцæггонд. Æмæ дзы ныр зæрдæ ницæмæуал æхсайы. Бæстахайы сæр раивтой, хæтæлтæ сног кодтой, сантехникæ дæр афтæ. Уæлдæфсыгъдæггæнæн системæ æмæ лифт дæр ис ныр дзæбæхгæнæндоны.
Сæйраг дохтыры хъæппæрисæй исæн кабинеттæ фæфылдæр кодтой. Къултæ сты зæрæмæдзæугæ хуызтæй. Фыццæгæм уæладзыгыл ма нывтæ скæнын хъæуы. Алы агъуысты дæр — мебель æмæ ифтонггарз.
Цалцæг цыди æрмæст 9 мæйы. Æндæр амбулаториты чи куыста, уыцы дохтыртæ дæр тагъд сæхи исæнуæттæм æрбаздæхдзысты. Æмæ сывæллæтты дзæбæх кæндзысты дарддæр, æрмæст æндæр — хуыздæр уавæрты. Егъау рацарæзт къухы бафтыд нацпроект “Дæргъвæтин æмæ уæнгрог царды” фæрцы.
















