Уарзон аргъау “Теремок”-ы сюжет сывæллæттæ ӕнӕкӕсгӕйс зонынц. Ӕмӕ йæ арæх радзурынц. Аутизмимæ сабиты ахуыр цæмæй цымыдисаг уа, уый тынг ахсджиаг у. Хъазты уылты — ӕппӕтӕй ахадгӕдӕр, — зæгъы ахуыргӕнӕг Инна Сторожук. Ӕрӕджы дӕр ма гыццыл Мария тыхамӕлттӕй ныхас кодта. Ныртӕккӕ та йӕхи цӕттӕ кӕны рауагъды зарӕг акӕнынмӕ.
Ӕдӕппӕтæй ам ис 18 сывӕллоны æгас Рахизфарсы районӕй. Коррекцион ахуыргӕнӕг Инна Сторожук алы сывӕллонмӕ дӕр ссардта сӕрмагонд ахаст. Программӕ — комкоммæ ныхасы форматы. Сывæллæтты ахуыр кӕнынц, цӕмӕй се ‘мгӕрттимӕ дзурынæй ма тӕрсой. Кæй зæгъын æй хъæуы, рох нæу скъолайы агъоммӕйы программӕ дæр. Уым дӕр бахынцыдтой ӕппӕт ӕууӕлтӕ.
Хъыгдард æнæниздзинадимæ сабитимæ архайын ӕнцон нӕу, хъӕуы бирӕ фӕразондзинад, зонындзинӕдтӕ. 13 азы размӕ сывӕллӕтты рӕвдауӕндоны не ‘мбӕрстой, ахӕм ахуыры программӕ куыд сфидар кӕнын хъӕуы, уый. Куыст райдайынӕн ӕмӕ йӕ срӕвдз кӕнынӕн баххуыс кодта Инна Сторожук. Цӕгат Ирыстонмӕ ахуыргӕнӕг Луганскӕй ӕрцыд ӕрмӕст иу-дыууӕ къуыримæ, фæлæ афтæ рауад, æмæ ам баззад.
Вазыгджын здӕхт Иннæ равзӕрста педагогон университеты студенткӕйӕ. Ӕдзухдӕр ӕй фӕндыд хъыгдард æнæниздзинадимæ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын. Ноджы ма сын сӕ дуне райхалын ӕмӕ сын хæлар суӕвын. Уымӕ гӕсгӕ ӕгуыстӕй бирӕ бадын нӕ бафӕрӕзта. Куысты ныллæууыд . Фæстæдæр ын Цӕгат Ирыстон сси райгуырӕн хӕдзарау.
Уарзон куысты ныллæуын — амонд. Сабиты рӕзтӕн ӕххуыс та у, рӕвдауӕндоны коллектив ӕнтыстджынӕй цы сӕйраг хӕс ӕххӕст кӕны, уый.
















