Интернет-цæстфæлдахджыты фæлитой митыл бафтыд. Мæнг брокертæ зæрдæ бавæрынц бирæ æхца бакусынæй. Ныфс раттынц, фонды биржæйы фæрцы æнцонæй кæй ис схъæздыг уæвын.
Фондз азы æмгъуыдмæ интернеты тыгъдады цæстфæлдахджытимæ баст фыдракæндты нымæц республикæйы 12% фæфылдæр. Зиан æрхастой 116 милуан сомы бæрцæн. Уæлдайдæр парахат кæнынц мæнг брокертæ. Сæ архайд у хуымæтæг æмæ сæхицæн пайдаджын. Адæмæн зæрдæ бавæрынц бæрзонд æфтиæгтæй. Æрмæст сæ хъæуы æхцайы фæрæзтæ бавæрын.
Цæстфæлдахджытæ агурынц, сайын чи баконмдзæн, ахæмты, æмæ семæ алыхуызон фæрæзты руаджы бастдзинад сфидар кæнынц. Фылдæр хатт арвитынц хъусынгæнинаг электрон постмæ. Æрбадзурынц чырæ телефонмæ. Пайдагæнджытæн байгом кæнын кæнынц мобилон уæлæфтуан æмæ хи кабинет. Уый фæстæ сын се ’хцайы фæрæзтæ фæкъуывитт кæнынц. Мидхъуыддæгты министрады бамбарын кодтой, цæстфæлдахджыты цы хуызы раиртасæн ис, уый.
Пайда информаци ма фенæн ис центрон банчы сайты дæр. Уым сбæрæг кæнæн ис, брокерон фирмæ регистрацигонд у æви нæ, уый. Кæд нæ — уæд сты цæстфæлдахджытæ. Цæрджыты хъæуы бахъуыды кæнын æрмæст иу хъуыддаг — баууæнд, фæлæ уал рагагъоммæ сбæрæг кæн. Æхцайы фæрæзтæ та исты хъуыддагæн бахардз кæнынмæ тагъд кæнын нæ хъæуы.
















