Ирд æмæ цымыдисаг дæсныйад. Сæйрагдæр – адæмæн хабархæссæг, стæй уæд аналитикон, зонадон, ирхæфсæн æмæ афтæ дарддæр. Телеуынынады бон бæрæг кæнынц абон æппæт дунейы дæр.
Ацы къабазы кусджытæ сты алывæрсыг курдиæттæй хайджын. Уæдæ сæ дæсныйæдтæ дæр сты алыхуызон. Техникон кусджытæ, оператортæ, журналисттæ, амонджытæ. Телевизормæкæсджытæ йæ кæронмæ нæ зонынц, цы стыр куыст лæууы алы рæсугъд кадры фæстæ дæр. Цал æмæ йыл цал адæймаджы бакусы, цæмæй аивадуарзджыты зæрдæтæ бацагайа равдыст, сцымыдис кæна адæмы. Архайынц, цӕмӕй радзурой адӕмӕн хабæрттæ, бафтауой сæ хъуыды кæныныл ахсджиаг цаутыл. Телеуынынады æппæтадæмон бон снысан кодта Иугонд нациты ассоциацийы генералон ассамблей 1996-æм азы. Уæдæй нырма мах къабазы кусджытæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон. Цæгат Ирыстоны телеуынынад фæзынд 1961-æм азы – паддзахадон телерадио компани “Алани”. 2017-æм азы 1-æм декабры та йæ куыст райдыдта национ телеуынынад “Осетия-Ирыстон”. Мах кусæм дыууæ æвзагыл. Эфиры вæййынц тематикон равдыстытæ, документалон кинонывтæ, стæй информацион рауагъдтæ. Нæ телевизормæкæсджытæ базонынц канд республикæйы нæ, фæлæ ма бæстæйы æмæ дунейы ахсджиаг хабæрттæ дæр. Нæ проекттæ та тынг арӕх нымад æрцæуынц хуыздæртыл алыхуызон телеуынынадон конкурсты.
















