Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады социалон хызæг “Тelegram”-ы сарæзтой мессенджеры бот. Йæ нысан у æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг хи куыд дарын хъæуы, адæмæн уый æмбарын кæнын. Ирвæзынгæнæн ботæй чи пайда кæны, уымæн йæ бон базонын у, зæгъæм, зынгсирвæзт, зæххæнкъуысты рæстæг куыд архайын хъæуы, уый. Кæнæ та сыгъдхъæстæйæ хъыгдард баййафæгæн æххуысы мадзæлттæ. Амынддзинæдтæ дæттынц æрмæст ирвæзынгæнæн службæты кусджытæ. Ацы хызæджы фæрцы ис æрмæст хъæугæ зонындзинæдтæ райсын. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады диспетчертæм дзы бадзурæн нæй.
Томайты Аланæ
















