Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджытæ Хъазыбеджы хохæй дӕлӕмӕ ‘рхастой, дурæзгъæлды рæстæг хъыгдард цы альпинисткæ баййæфта, уый. Тменыхъæуы йæ дохтырты бæрны бакодтой. Ирвæзынгæнæн операцийы архайдтой Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны агурæг-ирвæзынгæнæг отряды 14 специалисты.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, бон раздæр 11 альпинистæй арæзт къорд 3 мин 100 метры бæрзæндыл бахаудта дурӕзгъӕлды бын. Профилон бæрнады сæ балц нысангонд нæ уыд. Æххуысы тыххӕй хъусынгæнинаг службæ райста, къордимæ бастдзинад кæмæн уыд, ахæм адæймагæй.
















