Уæрæсейы æнæнæхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны управленийы зынгхуыссæн-ирвæзынгæнæн сæрмагонд хайады кусджытæ бабæрæг кодтой сидзæр сывæллæтты хæдзар «Ласка»-йы хъомылгæнинæгты.
Ахæм фембæлд сарæзтой «Добро», зæгъæ, акцийы фæлгæты. Ирвæзынгæнджытæ, падзахады `вджид цы сывæллæттæ баззад, уыдонæн æрбахастой. зилынмæ сæм цы æрмæджытæ хъæуы, ахæм дзауматæ. Уымæй уæлдай ма – хъазæнтæ æмæ зæрдæлхæнæн лæвæрттæ.
Сывæллæтты хæдзары разамынд уазджытæн загътой бузныг. Уæдæ сыл сывæллæттæ дæр зæрдиагæй бацин кодтой. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Цæгат Ирыстоны управленийы зынгхуыссæн-ирвæзынгæнæн сæрмагонд хайады кусджытæ сæхи хардзæй ахæм акци саразынц æрвылаз.
















