Нæ республикæйы æппæты кадджындæр хæрзиуæг «Ирыстоны Намыс»-ы майданæй схорзæхджын кодтой Хъалонтæ исыны федералон службæйы управленийы разамонæг Таймазты Тимуры.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æй схозæхджын кодта йæ лæггæдты тыххæй, бирæ азты дæсны куыст кæй кæны, уый фæдыл. Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Таймазты Тимуры æнтыстытæй сæрыстыр уæвæн ис. Хъалонтæ исыны службæйы сæргъы лæууы бирæ азты, уæдæй нырмæ йæхи равдыста дæсны разамонæгæй.
Таймазты Тимур дæр республикæйы сæргълæууæгæн арфæтæ ракодта. Зæрдæ бавæрдта, дарддæр дæр афтæ æвæллайгæйæ кæй кусдзæн æмæ республикæйы социалон-экономикон фæрныгад кæй уæлдæр кæндзæн, уымæй.
















