Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕнты ӕмгъуыдтӕ 2021-æм азмӕ мыхуыргонд ӕрцыдысты. Пъланмӕ гӕсгӕ, фӕлварӕнтӕ арӕзт цӕудзысты ӕртӕ къӕпхӕнӕй: ӕмгъуыдагъоммӕ – уыдзысты 22-ӕм мартъийӕ 16-ӕм апрелы онг, сӕйраг – 24-ӕм майӕ 1-ӕм июны онг, уӕлӕмхасӕн – 3-ӕм сентябрӕй 17-ӕм сентябры онг.
Ӕмгъуыдагъоммӕ ӕмӕ сӕйраг фӕлварӕнтӕ райдайдзысты дӕттын географи, литературӕ ӕмӕ химийӕ. 2021-æм азы фӕлварӕнтӕм хаст ӕрцыд ногдзинӕдтӕ – рауагъдонтӕ информатикӕ ӕмӕ информацион-коммуникацион технологитӕй фӕлварӕн дӕтдзысты дыууӕ боны: 18-ӕм ӕмӕ 19-ӕм июны.
Рауагъдонтӕй ӕнӕмӕнгдӕтгӕ фӕлварӕнӕй ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн чи райса, уыдонӕн фадат уыдзӕн ӕндӕр бон раттын. 9-ӕм къласы рауагъдонтӕн фӕнд кӕнынц паддзахадон сӕйраг фӕлварӕн саразын 3 къӕпхӕнӕй: ӕмгъуыдагъоммӕ – дӕтдзысты 20-ӕм апрелӕй-14-ӕм майы онг, сӕйраг – 21-ӕм майӕ 1-ӕм июны онг, уӕлӕмхасӕн – 3-ӕм сентябрӕй 22-ӕм сентябры онг. Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕны бацархайыны тыххӕй курдиат барвитӕн ис 1-ӕм февралы онг. Сӕйраг паддзахадон фӕлварӕны та – 1-ӕм мартъийы онг.
















