Кæсæг-Балхъары Урваны районы ссардтой фыранк Волнайы хъуырбос. Сырд æй раппæрста, куы йæ рауагътой, уымӕй дыууæ азы фæстæ. Æрдзон æвæрæнты министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй хъуырыл даргæ спутникон цæджы скуыста хииппæрдзинады системæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Волнайы дыууæ азы размæ ауагътой национ парк «Алани»-йы. Хъуырбос дарддæр пайда кæнынмæ бæззы. Фыццаджыдæр уал дзы сфысдзысты фыранкы дыууæ азы царды тыххæй хъусынгæнинæгтæ. Сæрмагонд иртасӕн куысты фæстæ ахуыргæндтæ сбæрæг кæндзысты, сырды цард йæ рауагъды фæстæ куыд цыд, уый.
















