«Избирательное право», зæгъгæ, интеллектуалон хъазт уыд Дзæуджыхъæуы. Мадзал аразджытæ – республикæйы сæйраг æвзарæн æмæ Фæсивæдон æвзарæн къамистæ.
Хъазты сæйраг хæс æрыгон æвзарджыты барадон æмæ электоралон культурæ фæбæрзонддæр кæнын. Ахæм уроктæ раздæр цыдысты Дзæуджыхъæуы скъолаты. Ахуырдзауты зонгæ кодтой сæ æвзарæн бартимæ, Уæрæсейы Конституци æмæ æвзæрстыты фæткмæ гæсгæ. Ныр та сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кодтой хъазты хуызы. Мадзал ацыд интеллектуалон клуб «Дарвин»-ы уагæвæрдмæ гæсгæ. Ома нæ бæстæйы цæрджыты разæнгард кæнын сæ граждайнаг хæс баххæст кæнынмæ. Хъазты уыд цалдæр къæпхæны. Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуы 16 скъолайы минæвæрттæ.
















