Куыд хъусын кодтам, афтæмæй йæ цардæй ахицæн Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, нæ республикæйы театралон архайджыты цæдисы уæнг Галазты Земфирæ. Ирон аивад чи уарзы, уыдонæн ацы ном бирæ цæуылдæрты дзурæг у.
Æгæрон курдиаты хицау актрисæ Ирон театры сценæйы цы сурæттæ сарæзта, уыдон аивадуарзджытæ се `ппæт дæр сæ зæрдæмæ хæстæг айстой. «Кадæг уарзондзинадыл», «Мады фарн», «Отелло» æмæ бирæ æндæр сурæттæ фæндаг ссардтой театрдзауты зæрдæтæм.
Галазты Земфирæйы курдиат æхсидын райдыдта Мæскуыйы Щукины номыл театралон училищæйы. Йæ ахуыргæнджытæ – Владимир Этуш, Анна Орочко, Динæ Андреева æмæ æндæр зындгонд артисттæ. Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академон театрæн Земфирæ лæггад кодта 58-æм азæй фæстæмæ. Ирд æмæ бирæвæрсыг æрдзон тыхы хицау актрисæ ахуырадон куыст кодта кæстæртимæ дæр.
Аив дзырды сусæгдзинæдтæ амыдта телеуынынад æмæ радиойы кусджытæн. Йæ фæлтæрддзинадыл æфтыдта паддзахадон университеты аивæдты факультеты студентты. Ахъазыд кинонывты дæр: «Ласточки прилетели», «Легенда горы Тбау», «Загадка кубачинского браслета», «Сбереги башню», «Так рождается песня» æмæ `ндæрты.
Стыр æвæрæн бахаста Хетæгкаты Къостайы номыл ЦИПУ-йы театралон аивады кафедрæйы куыстмæ. Галазты Земфирæйы амæлæт стыр цæфау фæцис Ирон театры артисттæн. Уымæн æй мысынц абон æрхæндæгæй.
















