Архонкæйы станицæйы кадеттæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ ссардтой Петр Гужвины рухс ном. 9-æм майы агъоммæ скъоладзаутæ хистæртимæ Зилахармæ хæстæг базылдысты Советон Цæдисы хъæбатыры мæлæты бынатмæ.
Ногæй сахуырстой бордюртæ, цыртдзæвæн, саив кодтой территори. Уый фæстæ та æвзонг активисттæ сарæзтой цыбыр концерт – æрхъуыды кодтой салдаты сгуыхтдзинад æмæ монументыл сæвæрдтой дидинджытæ. Æрвылазон патриотон акцийы архайдта Уæрæсейы федералон службæйы Цæгат Ирыстоны арæнхъахъхъæнæн управлени.
















