Кæлæтдзаг хæдзæртты фатерты хицæуттæн снысан кæндзысты уæлæмхасæн гарантитæ, ног цæрæнуæттæм ивгæйæ. Ныхас цæуы, хæдзар бындурон цалцæг кæй не `рцыд, уыцы фиддонты компенсацитыл.
Ахæм закъоныпроект Парламенты Советы бахаста профилон комитеты разамонæг Бокоты Эльбрус. Ныртæккæ заууат уавæры бирæуæладзыгон хæдзарæй цæрджыты ногмæ куы фæивынц, уæд фиддонтæ нымад цæуынц иухуызон. Ахсджиаг æууæлтæй иу у хæдзары базарадон аргъ. Кæлæтдзаг хæдзæртты бæстыхæйттæ сты асламдæр, паддзахадон æмæ муниципалон бæрны чи ис, уыдонæй.
Афтæмæй, иумæйаг нымады фæстæ хæдзæртты хицæуттæн фадат нæ вæййы ног фатер зæронды фæзуаты `ййас самал кæнын. Сæрмагонд гæххæтты автортæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм хуызы адæмы бартæ хъыгдæрд æрцæуынц. Депутаттæ ма сразы сты федералон закъоныпроектимæ. Афтæмæй, фатерæй бинонты рарвитæн нæй, кæд сын уый иунæг цæрæнбынат у, уæд. Æрмæст хъуамæ уа ведомствойы бæрны. Уымæй уæлдай ма парламенты уæнгтæ сæ хъус æрдардтой бирæсывæллонджын бинонты сывæллæттæн уæлдæр ахуыргæнæндонмæ фыццадждæр бынæттæ нысан кæныныл.
















