Цæгат Ирыстоны скъолаты æххæст кæнынц сæрмагонд программæ «Наставничество», зæгъгæ. Ахуыргæнджытæн программӕйы фæлгæты аразынц фæлтæрддзинад уæлдæргæнæн ахуыртæ.
Куыстæн хатдзæгтæ скодой. Программæйы сæйраг хъуыды у – æрыгон ахуыргæнджытæн баххуыс кæнын, цæмæй скъолайы куыстыл фæцалх уой, алы ахуырдзауы дæр зонындзинæдтæм цыбæл кæной. Ныхас кæнынц ахуырады ахсджиаг хъуыддæгтыл.
Семинарты архайы 50 ахургæнæгæй фылдæр. «Наставничество» программæ хауы «Ахуырады къабазæн кусджытæ цæттæ кæнын»-ы проектмæ. Профилон министрад скодта программæтæ æмæ методикон æрмæджытæ. Проект æххæст кæнынц республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Фыццаг хатт дзы архайынц 20 скъолайы.
















