preloader
сейчас в эфире
20:58
ЗВЕРИНЫМИ ТРОПАМИ. ЗУБРОВЕД 12+
Смотрите Далее
21:00
НОВОСТИ 12+
21:20
ЕЛХОТÆЙ ДАРДДÆР 12+
22:20
ФИДÆЙ ФУРТМÆ 12+
23:10
НА ВСЕ ВРЕМЕНА 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЗВЕРИНЫМИ ТРОПАМИ. ЗУБРОВЕД 12+
close

Камбилеевкæйы хицауады уæнгтæ кусæг балцы ацыдысты горæт гæрон районмæ

1.08.2023 21:01

Æппæт амынддзинæдтæ дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуой афойнадыл. Уыимæ ма куыстыты хæрзхъæддзинад хъуамæ зæрдæхсаинаг ма уа. Мадзæлтты райрæзтмæ сæ хъус дары республикæйы разамынд.

Ахуырадон уагдæтты цæттæдзинад, медицинæ, æхсæнадон куыстуæтты архайд, уыимæ, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектты рацарæзты цыд. Хицауады уæнгтæ радон хатт уыдысты бынӕттон æмбырды. Ацы хатт сбæрæг кодтой Горæтгæрон район. Хатдзæгтыл бæстонæй æрдзырдтой æмбырды кæронбæттæны.


Камбилеевкæйы фыццæгæм скъолайыл 40 азæй фылдæр цæуы. Ам ахуыр кæны 1000 сабийæ фылдæр. Бæстыхай бындуронæй сцалцæг кодтой фыццаг хатт. Æппæт куыстытæ дæр — “Ахуырады райрæзты” федералон программæмæ гæсгæ. Рацарæзт райдыдта фарон апрелы. Скъола, зæгъæн ис, æмæ ног ахуыры азмæ цæттæ у. Ног уавæртæ сбæрæг кодта арæзтад æмæ архитектурæйы министр Атараты Георгий.

Кусæг балцы рæстæг сбæрæг кодтой Октябрскæйы бирæвæрсыг центры куыст дæр. Филиалы ис 14 кусæджы. Цæрджытæн цы лæггæдтæ кæнынц, уыдонæн сæ нымæц гыццыл нæу. Республикæйы социалон-экономикон рæзты программæмæ гæсгæ районы иннæ аз райдайдзысты аразын ног центр.

Октябрскæйы ма аив кæнынц парк. Кусынц “Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны” федералон проектмæ гæсгæ. Архайынц дзы Цæгат Ирыстоны æппæт  районтæ дæр. Йе ‘ххуысæй Горæтгæрон районы базылдысты 26 объектмæ. Ацы аз ма сараздзысты дыууæ улæфæн бынаты. Объект бабæрæг кодта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Таматы Майрæн. Проект хъуамæ кæронмæ сæххæст кæной сентябры.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан æрбацыд Ногиры амбулаторимæ. Уый цалцæг кæнынц бындуронæй. Медицинон уагдоны иу бонмæ балæггад кæнæн ис 100 адæймагæн. Бӕстыхай рагæй уыд базилинаг. Афæдзы кæронмæ йæ хъуамæ сцалцæг кæной.

Кусæг балцы радон объект — хъæрмуæтты комплекс “Алани”. Бабæрæг æй кодта премьер Дзанайты Барис. Ис регионы экономикон райрæзты раззагдæр 5 проекты хыгъды. Сæ иумæйаг аргъ — 17 млрд сомы бæрц. Ныртæккæ ам кæнынц сыджыты куыстытæ æмæ аразынц конструкцитæ.

Проектон хъомысмæ рахизынвæнд кæнынц 2026 азы. Афтæмæй ам афæдзмæ æмбырд кæндзысты 34 мин тоннæйы пъæмидор. Проекы фæрцы фæзындзæн 876 куысты бынаты.

Дарддæр хицауады уæнгтæ бабæрæг кодтой Ирыхъæуы скъолайы спортивон залы арæзтадон фæзуат. Куыстытæм бавнæлдтой майы, фæуынвæнд сæ кæнынц афæдзы кæронмæ. Объект хаст у Горæтгæрон районы райрæзты программæмæ.

Кусæг балцы кæронбæттæн — сæрмагонд æмбырд. Хицауады уæнгтæ æрдзырдтой районы социалон-экономикон райрæзтыл. Ацы æмæ ивгъуыд аз паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæн рахай кодтой 3 млрд сомы. Хардз сæ кæнынц социалон инфраструктурæйы модернизаци æмæ æххуысы мадзæлттыл. Аразынц æмæ бындуронæй цалцæг кæнынц ахуырады 18 объекты. Банывыл кодтой культурæйы 3 объекты. Афæдзы кæронмæ ма ратдзысты ноджы иу, Камбилеевкæйы  хъæуы. Бындуронæй рацарæзтой Горæтгæрон районы рынчындон. Уымæй уæлдай ма кæронмæ фесты Джызæл – Хъæрмæдон – Дæргъæвс автомобилон фæндаджы арæзтады фыццаг къæпхæн. Дзанайты Барис бабар кодта сæвзæргæ фарстатæ иуварс кæнын.

Æппæт амынддзинæдтæ дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуой афойнадыл. Уыимæ ма куыстыты хæрзхъæддзинад хъуамæ зæрдæхсаинаг ма уа. Мадзæлтты райрæзтмæ сæ хъус дары республикæйы разамынд.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Подробнее I 11.06.2026
11.06.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон! I 11.06.2026
11.06.2026
Экватор ЕГЭ-2026 — курс на вуз: от экзамена до зачисления I Национальные интересы
10.06.2026
10.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
10.06.2026
Туризм | Разбор полётов
9.06.2026
Экономикон форумы хъомыс, картофы ног мыггæгтæ æмæ Рекомы бæрæгбон | Йæ рæстæгыл
9.06.2026
Æппæтадæмон хæлардзинады бон | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
9.06.2026
Ставд-Дуртæ. Уарзиаты Зарæ I Фæрдгуытæ
8.06.2026
Самое время I 08.06.2026
8.06.2026
08.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
8.06.2026
В итоге: 07.06.2026
7.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
История – в наследство I Гвардия
6.06.2026
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Все рекомендуемое