Горæтгæрон районы Камбилеевкæйы Ленины уынгыл асфальт сæвæрдтой. Ацы уынг у хъæуы даргъдæр уынгтæй иу. Базылдысты йæм, бынæттон цæрджытæ Сергей Меняйломæ куы фæсидтысты æххуысмæ, уый фæстæ. Цæрджытæ сæ зынвадат уавæры тыххæй радзырдтой регионы разамонæджы комкоммæ эфиры рæстæг. Дондзæуæн хæтæлтæ баивыны фæстæ, куыстытæ æххæстгæнджытæ æртæ километры дæргъæн фæндаг къæхтытæй ныууагътой. Сывæллæтты скъоламæ, хистæрты та куыстмæ цæуын хъуыди, цъыфты сæрты хизгæйæ.
Сергей Меняйло зæрдæ бавæрдта, фарстамæ йæхæдæг кæй æркæсдзæн. Хæлардзинады уынгæй Ломоносовы уынджы онг асфальт сæвæрдтой ацы сæрды. Ныр, Камбилеевкæйы администрацийы сæргълæууæг Табуты Тамарæйы ныхасмæ гæсгæ, сæйраг уынг дæр хæдтулгæтæй фæуæгъддæр. Фæрæзтæ рахай кодтой Горæтгæрон районы бюджетæй. Ленины уынгыл асфальт фыццаг хатт æрцыд æвæрд.
















