Дзæуджыхъæуы Карл Марксы номыл уынджы хи хæдзары æрцыд тыхджын срæмыгъд.
Мидхъуыддæгты министрады рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыдбылызмæ расайдта гранатæимæ æнарæхст архайд. Пресс-службæйæ нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй срæмыгъдæй иу адæймаг фæцис рог цæфтæ.
Йæ цардæн тæссаг ницæмæй у. Бæллæхы фæстиуджытæ раиртасыныл ныртæккæ кусынц, æвæстиатæй бынатмæ чи `рбахæццæ, уыцы пъæлицæйæгтæ.
















