Ацы истори райдыдта 50 азы размæ. Кодзырты Олег хорз хъуыды кæны фыццаг хатт йæ хæстæджытимæ Хохы Санибамæ бæрæгбонмæ куыд ацыд, уый. Фæстæдæр рабæрæг сæ мыггаджы мæсыг ам кæй уыд, уый. Уæдæй фæстæмæ 10-аздзыд лæппу ацы бынат нал ферох кодта. Йе стырдæр бæллиц сси фæстæмæ ардæм раздæхын. Фыдæлты хъæздыг истори йæ ‘лвæста йæхимæ.
10 азы размæ нæлгоймаджы бафæндыд сæ мыггаджы мæсыг сног кæнын. Фæлæ уыцы хъуыддаг хуымæтæг нæ разынд. Документтимæ архайд, бадзырдтæ æмæ проекттæ снысан кæныныл бахъуыд 5 азы. Бинонтæн хъæугæ гæххæт райсын куы бантыст, уæд бавнæлдтой куыстытæм. Ссыгъдæг кодтой территори, сарæзтой бындур, æрæхгæдтой йын йæ сæр, фæзынд дзы быру. Иннæ къæпхæн – къултæ. Кодзырты Олегæн баххуыс кæнын бирæты бафæндыд. Алы дуры дæр ис мыггаджы фæлтæрты бастдзинад. Ныртæккæ мæсыг у федералон нысаниуæгимæ историон æмæ архитектурон цыртдзæвæн.
Компелксы астæу – Кодзырты Таймуразæн цыртдзæвæн. Фыст ыл ис адæмон хъæбатыры тыххæй зарæг. 1936-æм азы йæ сног кодта Наниты Сергей. Раздæр ын уыд фондз хуызы, Дыгургомæй Тæгиатæм.
Хъæбатыры тыххæй таурæгъ хъахъхъæдтой фæлтæрæй фæлтæрмæ. Мыггаджы минæвæртты ныхасмæ гæсгæ, сæрæстыр сты, ахæм адæймаг сæм кæй уыд, уымæй. Йæ ном ын радтой мыггаджы мæсыгмæ цы уынг цæуы, уымæн дæр. Ахæм хъуыды фæзынд нырма 70 азты.
Куыстытæ нырма сты сæ тæмæны. Фæнд ма кæнынц ноджы дыууæ мæсыгмæ базилын. Уыдон дæр сты ацы территорийыл. Кæцыдæртæй фæнд кæнынц чысыл музей саразын. Снысан æй кæндзысты Кодзырты мыггагæй номдзыд адæмæн. Æртæ инæлары, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, уырыссаг-туркаг æмæ уырыссаг япойнаг хæстыты архайджытæ. Сæ сгуыхтдзинад сын бахъахъхъæнын у сæйраг нысан.
















