Дохтыр, астрофизик. инженер, наукæйы кусæг æмæ капитан – ахæм къордæй Къомайты Русланы номыл космонавтикæйы скъолайы ахуыргæнинæгтæ ацыдысты “Фыццæгты Космосон Экспедици”-мæ. Фæсивæды раз лæууыд цалдæр хæслæвæрды.
Эвелина Манукян проектыл кусгæгæйæ бафæлвæрдта дыууæ алыхуызон дæсныйады. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ам архайгæйæ йын хорз æххуыс фæци сфæлдыстадон ахастдзинад.
Фæлварæнтæ æнцон нæ уыдысты. 8-æм къласы ахуырдзаутæ ныхмæ лæууыдысты сæхицæй хистæр чи уыд, ахæм фæсивæдимæ – 11-æм къласы ахырдзаутимæ æмæ студенттимæ. Æмæ кæд сæ ныхмæлæуджытæ фæлтæрдджындæр
уыдысты , уæддæр Ирыстоны æнахъомтæн сæ къухы бафтыд проекты кæронмæ бацæуын. Куыд фæстиуæг афтæ 5-æм бынат иумæйаг командон хыгъды 50 къорды ‘хсæн.
Чызджытæн ныфс лæвæрдтой сæ ахуыргæнджытæ. Къордæн фыццаг бонтæй разамынд лæвæрдта Солаты Еленæ.
Проект “Космическая экспедиция первых – 2025” у æмбал кæмæн нæй, ахæм фадат йæ фидæн ацы дæсныйады чи уыны, уыцы скъоладзаутæн æмæ студенттæн сæ бæллицтæ сæххæст кæнынæн.
















