Коронавирусы уавæр Цæгат Ирыстоны фæкарздæр. Рынчынты нымæц бонæй-бонмæ фылдæр кæны. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав Опереативон штабы æмбырды.
Уавæрыл æвзæры`рдæм фæбæрæг уыдзæн Дзæуджыхъæуы цы æнæзакъон акци сарæзтой, уый хынцгæйæ, сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, хъæуы фылдæр мадзæлттæ баххæст кæнын. Тагъд æххуысы клиникон рынчындон æмæ Республикон клиникон рынчындоны пациенттæн бынат куы нал уа, уæд сæ дзæбæх кæнын райдайдзысты Горæтгæрон æмæ Æрыдоны районты рынчнындæтты. Ахæм куыст кæнынмæ цæттæ сты.
Битарты Вячеслав бахæс кодта хуыйæн фабрикæтæ æмæ цехты емынæй ныхмæ костюмтæ хуыцыны хъуыддаг банывыл кæнын.
Фæллон æмæ социалон рæзты министрæн та бахæс кодта æххуысцух бинонтæн материалон æххуысы райсыны хъуыддаг фенцондæр кæнын.
















