Æрвон тыгъдады Мæй нæ хæстæгдæр сыхаг у. Фæлæ йæм, зæгъгæ, фæндаг ис æмæ йæм 20-аздзыд лæппу цæуынвæнд скодта, уæд æрмæст 62-аздзыд зæронд лæгæй ныхæццæ уаид. Нæ алфамбылай дун-дунейы тыххæй ахæм æмæ æндæр зонындзинæдтæ ис Космонавтикæйы скъолайы ахуыргæнинæгтæм. Сæ проекттæ дæр хуымæтæг не сты. Чи ракетæ аразы, чи та базæ зæххы æмбæлццоныл.
Кусгæйæ ма йæм донцъирæн баиу кæнынц, ракетæ донæй дзаг хъуамæ уа. Стæхы æлхъывд уæлдæфы тыхы руаджы. Космонавтикæйы скъоламæ Кокойты Ариант цæуы афæдз. Æппынæдзух архайы конкурсты.
Гидропневматикон ракетæ сарæзта йæ ахуыргæнæгимæ дыууæ мæймæ. Сæ куыст æппæтуæрæсеон конкурс “Зонад регионтæм”-мæ арвыстой. Техникон сконд æнтыстджын разынд, Арианты схорзæхджын кодтой 3-аг къæпхæны дипломæй “Нырыккон проектты” категорийы.
— Гидропневматикон ракетæйы механизм сарæзта. Уайтагъд ын нæ рауади, фæлæ фæлвæрдта ног æмæ ногæй. Хуыздæрæй хуыздæр кодтой ракетæйы æууæлтæ. Куыд фæстиуæг, афтæ проект сси цалдæр æркасты архайæг.
Мæйы базæ “Коперник”-ы проекты тыххæй та Реуазты Георгий райста 1-аг къæпхæны диплом. Космосы тыгъдад æй цымыдис кæны ныр 10 азы дæргъы. Куыд зæгъы, афтæмæй Космонавтикæйы скъолайы йæ фæндтæ сæххæст кæнынæн алцыдæр ссардта. Ахуырты дыууæ азы фæстæ райдыдта хъуыды кæнын Зæххы æмбæлццоны базæ саразыныл.
Проект саразыны фыццаг фæлварæн бынтон æнтыстджын нæ рауад. Уæд ыл лæппу йæ ахуыргæнæгимæ бакуыста. Георгий фидарæй зоны, Мæйы базæйы арæзтад наукæйы рæзты стыр къахдзæф у.
Конкурс “Регионты наукæ” баиу кодта æппæт бæстæйы скъоладзауты. Нæ республикæйы фæсивæд дзы сæ бæрзонд цæттæдзинады руаджы систы хуыздæртæ. Ныртæккæ кусынц ног проекттыл. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сæ ног уæлахизтæ дард не сты.
















