17 сахаты æмæ 21 минутыл Къостайы проспекты бирæуæладзыгон хæдзары зынгсирвæзт аххуыссын кодтой. Æдæппæтæй арт апарахат 35 квадратон метрыл. Æдас ранмæ рахуыдтой 95 адæймаджы. Цардæн тæссаг уавæрæй фервæзын кодтой 101 аздзыд сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, сæхи бон не сси фатертæй рацæуын, бæстыхай фæздæгæй кæй байдзаг, уый аххосæй. Медицинон æркаст сæ нæ бахъуыд.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, абон 16 сахаты æмæ 30 минутыл зынгхуыссынгæнæн-ирвæзæн службæйы радхæссæг къордмæ фӕхабар кодтой Дзæуджыхъæуы Къостайы проспекты 240-æм хæдзары зынгсирвæзты тыххӕй. Бынатмæ æвæстиатæй бахӕццӕ сты Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон сæйраг управленийы специалисттæ. Æдæппæтæй фыдбылызы бынаты архайдтой 18 специалисты æмæ техникæйы 6 иуæджы.
















