Сывæллæтты театр «Саби»-йы кæронмæ фæвæййынц Ног азы спектакльтæ. Равдыстыты эстафетæ райдыдта «В ожидании чуда» премьерæйæ. Алæмæты истори у Митын дада, Митæ æмæ æндæр хъайтартимӕ. Агурынц, сахатæй чи æрбайсæфт, уыцы секунды стрелкæ.
Спектаклы спайда кодтой егъау декорацитæй. Режиссёр Заз бæласы бын хъазæнты бауагъта уддзæф. Митын лæгты дзы хъахъхъæнынц хуры тынтæй. Тæссаг сын у атайынæй. Цымыдисаг аргъау феныны фадат ма уыдзæн 14 январы, зæронд Ног азы.
















